дыууа мыггаджы багом кодтой абон

Дыууа мыггаджы багом кодтой абон

дыууа мыггаджы багом кодтой абон

Ирондзинады рæзтæн запись закреплена

Ирон ахсанады сылгоймаган уыдис стыр кад ама намыс. Тынг барзонд уыдис авард хадзары афсины бынат бинонта ахсан. Бахджыны разма-иу сылгоймаг куы фацис, уад-иу анаманг хъуама йа бахай архызтаид ама салам раттаид. Уада сылгоймагта лагты раз фацайцауой – уыдон иу сын сыстадысты. Сылгоймагтан са хистар арфа ракодтаид ама-иу сын загъта: «Сбадут, уа хорзахай». Сылгоймаджы бафхарын на фыдалтам нымад уыдис стыр фыдракандыл, ама йын кодтой карз тархон, суанг туг исыны онг. Ирон адамма бира ис, сылгоймаган кад канынима баст чи у, ахам агъдаутта. Загъам, дыууа нылгоймаджы хыл канынц, ама сылгоймагтай исчи се ‘хсан йа калмарзан араппарста, уад-иу анна къуылымпыйа са хыл ныууагътой, ама са кардта карддзамты савардтой.

Цымыдисаг ама вазыгджын у уайсадыны агъдау. Чындз йа царыны хадзарма куыбацауы, уад бинонты хистартам уайсадга факаны, ома са разы дзурга на факаны. Уыцы агъдау чындзан ахъаз кодта йахи куыд амбалы афта дарынан: уазданай ама баронай. Уыима, бинонта сахадаг дар уайсадаг чындзы афсамай йа разы на кодтой уалдай ми кана цы не ‘мбалы, ахам ныхас. Ацы агъдау ирон адамма ныртакка дар ис, фала ныры хистарта чындзы даргъватин растаг уайсадын нал уадзынц. Кусарт аканынц,са сыхбаста архонынц ама чындзма нуазан аваргайа йа сахима сдзурын канынц.

Раздары заманты уынаффайы бар хаудис армастдар налгоймагтам. Бинонты ‘хсан налгоймаг уыдис хадзары хицау, ама йын сылгоймаг йа ныхас каддариддар аххаст кодта, фастама йам на дзырдта. Уалдайдар та адамы астау. Уыман ама, уымай уый фегад кодтаид йахи дар, йа сары хицауы (йа ладжы), йа бинонты дар. Зондджын сылгоймаг камдариддар йа ладжы кад барзонддар каныныл архайы, уад уыима йахадаг дар кадджындар канны. Сылгоймаг Ныхасма на цыдис ама лагтима уынаффа на кодта. На йын амбалыдис цауын кувандаттай биратам. Цавиттон, раджы заманты на адамма налгоймаджы ама сылгоймаджы хаста уыдысты хицан, амхацца на кодтой. Хъыгаган абон иуай-иутай уыцы цавиттон рох канын райдыдта, ама бира бинонты ‘хсан бараг нал ваййы, усай лагай чи у «лагдар», уый.

Чызджыты хъомыл кодтой уаздан ама хиуылхацагай, сылгоймаджы миниуджытай аххастай. Къайных ныхасганаг, анауаздан, лагой аразт чызг адамы астау уыдис худинаг. Ахам хадзарма хорз усгур на цыдис. Уада стыр агаддзинадыл нымад уыдаид чызглаппуты ‘рдам агар куы кастис, уад. Лаппу ама чызг карадзийы зардама куы цыдысты, уаддар-иу фембалттам на уадысты, кад-иу ананхъаладжы карадзийыл фембалдысты ама дыууа ныхасы загътой, уад хорз. Исчи чызгма йа ангуылдзай дар бандзавыдис – додой кодтаид йа сар. Уыман ама ахам цау агаддзинад хаста агас мыггаган дар. Лаппута ама чызджыта адарсга амбалдысты карадзиуыл армастдар иунаг бынаты – хъазты мидаг. Куывдты ама чындзахсавты лаппута ерысай авдыстой са арахстдзинад, се ‘гъдау. Ама-иу кад зардама чи цауы, уыцы чызгима къухы бафтыдис акафын – уад хардма да худ аппар. Уымай уалдай симды уыдис ганан чызджы цонгыл хацгайа кафын.

—-— Ныры цард бира ивддзинадта бахаста кастарты ахастдзинадтам. Раздар уаван каман на уыдис, ахам хъуыддагта ныр арвылбойнаг систы. Фала ма абон дар лаппутан са фылдар, бинонты хъуыддаг баканыны афон куы арцауы, уад факасынц рог ама къайных чызджытам на, фала на фыдалта бира азты даргъы аргъ цаман кодтой, уыцы миниуджыта кама ис, уыдонма.

Раздар стыр бинонты ‘хсан сылгоймагта (афсин, чызджыта, чындзыта – хистарай кастарай) кодтой армастдар сам цы куыстыта хаудис, уыдон: харинаг канын, сываллаттам зилын, афснайын ама афта дарддар. Сылгоймаджы хъуыддагты йа «фындз чи тъыссы» ахам налгоймаг тынг йахи фахудинаг кодтаид, зараггаг фауыдаид. Уыцы агъдаума гасга, ирон лаг йа сываллатты на равдыдта, суанг сам къухай дар не ‘вналдта, уалдайдар та хистары раз. Цымыдиссаг у ахам хабар. Раджы заманы, хистарима ныхас кангайа арыгон лаг бафиппайдта йа чысыл фырт, заххыл быргайа мана-мана уалхадзарай далама ахаудзан. Уад йа ныхас дарддар кангайа, лаг аивай сываллоны хадоныл йа къахай ныллаууыдис, ама йыл хацыдис афта цалынма хистар ацыдис, уадма. Йа хъабулы аирвазын каныны охыл дар ирон лаг на ахизтис агъдауы сарты, на йа систа йа къухма, хистары афсармай.

Рагай-арагма цард агъдауай фидауы. Ирон адам та агъдау домдтой аппат ама алкамай дар, суанг ныхасы уаджы ама хъадрабыны дар. Уыма гасга кастар хистары раз хъарай на дзырдта, хистар кастарима схуыст ныхас на кодиа. Сылгоймаджы хъалаба, хъар ныхас та на фатчыд – баркад сафаг уыд. Ама уымай алчидар йахи хъахъхъадта.

Уазджытам уый диссаг факаст, ама са хистар усы цурма бацыд. Ус дыккаг къутуйы сар систа. Къуту ардагма ссадай, фала ус уаддар афта бакодта: «Уый дар сын не сфаг уыдзан»…

Барджыты хистар бадис кодта, фала ницы сдзырдта. Ус уыцы сады таппай иу дзул ракодта, уалкъай йа афыхта ама уазджытам бадзырдта: «Адих ай канут, уа нывонд фауон, файна къабары уам дзы архаудзан, ама уе стонг айсафдзан…

Уазджыты бавналдтой харынма. Кад стонг уыдысты, уаддар иу дар йа хай на фации хард, са бон ай на баци – ахам баркадджын разынд уыцы дзул.

Араджиау уазджыты хистар бафарста фысымы:

«Бахатыр кан, ма мады хай, фала нын бамбарын кан: дзаг къутуйы ссадай загътай: «Уый сын не сфаг уыдзан», андар къутуца: «Уый дар сын не сфан уыдзан», артыккаджы ма иу сады тапп уыд ама уымай та : « Уый са фагай уалдайдар у». Ама раст разындта. Куыдай?

Ус ахъуыды кодта ама загъы:

«Диссагай дзы ницы ис, ма хъабулта. Дзаг къутуйы ссад уады хойраг у, чындзан йа ныхас артдзастай картма хъуысын куы райдыдта. Уый абаркад у… Дыккаг къутуйы ссад та уады хойраг у, чындзан йа ныхас артдзастай фарссагма хъуысын куы райдыдта… Уый дар баркадджын нау… Артыккаг къутуйы ссад та уады хойраг у, чындзы хъалас артдзастай рахысма дар куы на хъуыст… Уый баркад хассы, уый та ныр уахадаг уахиуыл бавзарстат… Афта у, ма хурта, адаймаджы фарныл зайы йа хойраджы баркад дар»…

Цыфанды зын уавары дар ирон сылгоймаг йа уаздан ном никуы фачъизи кодта, йа сарма агаддзинад никуы архаста ама йа кастарты дар ахуыр кодта ирон агъдау ама кадыл. Никуы фатарст ирон сылгоймаг, мад зындзинадтай.

Куыд на хъуама арымысам мах абон Ирыстоны хастрыст зарда мадалты рухс ном. Цал ама цал ныййараджы скодтой са уала саута? Цал ама цал мадан нал раздахт йа фырт хасты быдырай? Фыдыбастайы Стыр хасты фамард: 2 хадзарай-авдгай фыртта, 7 хадзарай- ахсазгай фыртта, 26 хадзарай- фандзгай фыртта, 92 хадзарай- цыппаргай фыртта, 100 хадзарай- артыгай фыртта…

Источник

Игорь Езеев Дыууа Мыггаджы

Загрузил: TSUKICH CORPORATION

Длительность: 3 мин и 38 сек

Игорь Езеев Братьям

Цийни Зар Езеев Игорь Есенов Артур

Сослан Дзуцев Ляля Золоева Дыууайы Амонд Красивая Осетинская Песня

Игорь Езеев Моя Красавица Official Video

Руслан Георгиевич Зангиев Уаллаг Ир

Марат Габанов Дигорский Перепляс Обработка М Габанов

Ах Не Спится Гр Уари Азамат Сидаков Игорь Езеев Арсен Тавитов Артур Есенов

Альберт Лалиев Керчы Баста

Игорь Езеев О Ма Хур

Марина Каллагова Зарда

Ким И Казбек Суановы Лирическая

Владимир Балаев Ирина Мистулова Ма Фыд

Рустам Джихаев Хъады Сыфта

Эльбрусоид 2011 Осетинский Праздник

Elton John This Train Don T Stop There Anymore Live At The Royal Opera House 2002

Бумер Димон Over 200 Db

Young Justice Юная Лига Справедливости

Drive Forever Treev Remix

Непревзойдённый Духовный Император

Sex Machine Little Big

Https Youtu Be E7Niq1Yoccc

Приколы 2021 С 8 Марта Прикол Смешные Видео

Азербайджанские Песни 2021

Just Dance 4 Gangnam Style Psy

No Copyright Music Chill Type Beat Cotton Candy Royalty Free Vlog Music Prod By Crep2Ty

Hammali Navai Ты Одно Error Remix

Yadda Zaka Yi Amfani Da Wasu Mahimmman Sirrikan Manhajjar What Saapp

No Copyright Music Lofi Type Beat Tower Royalty Free Vlog Music Prod By Crep2Ty

Вид Беременной Женщины Довел Ее Бывшего Мужа До Слез

Игорь Езеев Дыууа Мыггаджы

Mega Hits 2020 Summer Mix 2020 7 Best Of Deep House Sessions Music Chill Out Mix By Missdeep

Lord Shiva What Saapp Status

Shuba Duck Dancing All Around The World

Домовой Юмористическая История Олег Рой Аудиокнига

C B P D Arulo Nocopyrightmusic Creative Commons

Не Корона Бро Не Не Корона

Guns Got Me Like Fnf

Мне Кажется Мы Создали Jimny Клуб

Travis Scott Hvme Goosebumps Remix Gta 5 Music

Blue October This Is What I Live For Live In Oklahoma City At Tower Theater September 9 2021

Two Door Cinema Club What You Know Jean Tonique Remix

Arduino Lolin Nodemcu V3 Esp8266 With Mysql Database And Php Localhost

Источник

Мыггаджы фарн — æнустæм амайгæ мæсыг

Ирон адæмы хуызæн хæстæг, хион, æрвад ничи нымайы. Æрвадæлтæ иу туг, иу стæг сты. Цæмæй мыггæгтæ хæларæй цæрой, æмгуыст кæной, иумæйаг советтæ аразой æмæ сæ лыггæнинаг фарстытæ, сæ фидæны плантæ иумæ скъуыддзаг кæной, ууыл бирæ кусы «Иры Стыр Ныхас» дæр. Уым, Ныхасы равзæрдæй абоны онг кусынц хистæрты, фæсивæды, мыггæгты, сылгоймæгты, координацион, æддагон бастдзинæдты æмæ дины хъуыддæгты фæдыл ныхастæ æмæ советтæ. Уыимæ сæ хайæдтæ сты алы районты дæр.

Куыд кусынц мыггæгты Ныхастæ æмæ цавæр хæстæ ис сæ разы, уый сбæрæг кæныны нысанæн цыппæрæмы, 28 апрелы, Хъæууонхæдзарадон институты залы, «Иры Стыр Ныхасы» хъæппæрисæй арæзт æрцыд уæрæхгонд æмбырд ахæм номимæ: «Фамильные Ныхасы. Цели и задачи».

Æмбырдмæ æрбацыдысты Национ хъуыддæгты фæдыл министр Хадыхъаты Сослан æмæ министрады иннæ бæрнон кусджытæ, горæты, районты æмæ хъæуты мыггæгты Ныхасты, стæй иннæ советты сæрдартæ æмæ уæнгтæ, Хуссар Иры делегаци, «Иры Стыр Ныхас»-ы Хуссары хайады сæрдар Гаглойты Роберт сæ сæргъы, афтæмæй. Æмбырд байгом кодта «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Хуытиты Таймураз æмæ ныхасы бар радта Паддзахадон Думæйы депутат Цæгат Ирыстонæй Мæхъиты Зурабæн. Уый цыбыртæй загъта йæхи мыггаджы тыххæй, стæй арфæ ракодта, йæ мыггаг чи нымайы æмæ йæ фарнæн чи архайы, уыдонæн æмæ Кады грамотæтæ радта «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Басаты Барисæн, йæ хæдивæг Хуытиты Таймуразæн æмæ хистæрты советы сæрдар Челдыты Алыксандрæн.

Уый фæстæ Хуытийы фырт йæ доклады радзырдта, Ирыстоны мыггагæн цы ахадындзинад ис, уый тыххæй æмæ ранымадта, ирон мыггæгтæй Ныхастæ, советтæ, комитеттæ чи сарæзта æмæ чи куыд кусы, уый тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй хуыздæр чи архайы, уыдон сты Джиоты, Гусаты, Басаты, Мырзаганты, Махъоты, Дзгойты, Бæдтиаты æмæ æндæр мыггæгтæ. Уыдонæн ис советтæ, фондтæ, фондмæ йæ къух кæй куыд амоны, афтæ бахæссы æхцайы фæрæзтæ, уыдон хардз æрцæуынц иумæйаг хъуыддæгтыл: рынчынтыл, æвæгæсæг зæрæдтыл, кусынц фæсивæдимæ, цæмæй се ’хсæн иудзинад уа, хызт уой наркомани æмæ нозтæй, фæхуыздæр кæной демографион уавæр, хъахъхъæной сæ Фыдыбæстæ, ирон æгъдæуттæ æмæ традицитæ. Æппæт уыдон къухы бафтдзысты, мыггаджы сæргъы куырыхон, аргъ кæмæн кæнынц, ахæм хистæр куы уа, уæд.

Ирыстоны стырдæр мыггаг — Джиоты тыххæй радзырдта Цæгат — Ныгуылæн зылды Ныхасы сæрдар Джиоты Яша, уый у мыггаджы раздзог дæр. Уый бацамыдта йе ’рвадæлты: Джиотæ, Кокойтæ, Битетæ æмæ Хуыбылтæ. Куыд банысан кодта, афтæмæй мыггаг ирон адæймаджы хуызæн ничи нымайы, уымæн æмæ уый нæ туджы ис. Ирон лæгæн йæ мыггагæй раппæл æмæ йын уымæй æхсызгондæр ницы уыдзæн. Куыд загъта, афтæмæй мыггагæн ис совет (Ныхас), фонд, сарæзтой бæрæгуат телефонтæ адристимæ, арæх сын вæййы ахсджиаг фембæлдтытæ, аскъуыддзаг кæнынц бирæ фарстытæ. Джиойы фырт ранымадта сæ мыггаджы æмæ се ’рвадæлты зынгæ архайджыты. Уыдон сты: Джиоты Мурат — конфликтон быцæутæ æрбæстон кæныны фæдыл Хуссар Иры Президенты Æххæстбарджын минæвар, Джиоты Алан — Президенты администрацийы сæргълæууæг, Джиоты Пора — йæ рæстæджы зындгонд рухстауæг, Джиоты Георги — Горæтгæрон районы сæргълæууæг, Джиоты Алан (Парпат) — Ирыстоны национ хъæбатыр, Джиоты Ингæ, Иринæ æмæ Вероникæ — зындгонд оперон зарæггæнджытæ, Хуыбылты Валери — Ирыстоны национ хъæбатыр, Битеты Степан — 60-æм азты Цæгат Ирыстоны культурæйы министр, Битеты Ева — Социалон фæллойы хъæбатыр æмæ бирæ æндæртæ.

Гуылæрты мыггаджы номæй Гуылæрты Барис æрлæууыд сæ мыггаджы равзæрды историйыл, кæд æмæ кæцæй рацыдысты, чи сты сæ зындгонд лæгтæ, цы аразынц, цы плантæ сæм ис æмæ афтæ дарддæр. Куыд загъта, афтæмæй сæм зынгонд спортсментæ нæй, фæлæ сæ фæсивæды нæй наркомантæ æмæ фыдгæнджытæ дæр. Барис сæхи мыггагæй дарддæр æрлæууыд нæ историйыл: «Акæсут-ма нæ сыхæгтæм, нæ историмæ нын куыд бырсынц, æдзæсгомæй нын нæ удварны хæзнатæ сæхи куыд кæнынц. Уыдонæн ныхкъуырд куынæ раттæм, уæд фыддæр кæнынц». Барис ма фæндон бахаста, цæмæй нæ кувæндæттæ паддзахадон исбонад суой æмæ сæ алы æдзæсгæмттæ сæхи пайдайæн приватизаци ма кæной. Уый фæстæ Гуылæры фырт арфæ ракодта Ирыстоны æппæт мыггæгтæн дæр, нæ дзуæрттæ æмæ сын дунейы фарн æххуысгæнæг куыд уой.

Сæ мыггæгты советты куысты тыххæй ма радзырдтой Тедеты, Агънаты, Дзампаты, Хъуылаты, Хъоцыты æмæ иннæ мыггæгты минæвæрттæ.

Кæронбæттæны «Иры Стыр Ныхас» æмбырды архайджытæн бакаст сидт, мыггæгты советты куыстмæ цы ногдзинæдтæ бахæссын хъæуы, уый тыххæй. Бацæттæ ма кодтой Ныхасы куысты уагæвæрд дæр.

Источник

Мыггаджы равзæрд: Къуылых æмæ йæ фæдонтæ

Къуылыхты Таймураз сахуыр кодта йæ мыггаджы ратæдзæнтæ, сæ цæрæн бынӕттæ, мыггагхӕсджыты нымæц, се ʻсгуыхтдзинæдтæ, ӕрвадӕлтæ æмæ ссардта 19 æнусы раг фыдæлы ингæн

ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны экологон, технологон æмæ арæзтадон цæстдарды комитеты сæргълæууæг Къуылыхты Таймураз сæйраг куыстæй сæрибар рæстæг снывонд кодта йæ мыггаджы ратæдзæнтæ сахуыр кæнынæн. Нӕлгоймагæн цалдæр азмæ бантыст бирæ ахуыргӕндтæй фылдæр, уый ныр зоны йæ чысыл мыггаджы истори иууылдæр — сныв кодта Къулыхты бæласы йæ бындзæфхадæй сыфтæры онг.

дыууа мыггаджы багом кодтой абон

Йæхи цымыдис æмæ иртасæн куысты руаджы Таймураз рабæрӕг кодта, сæ фыдæлтæ сæ цард кæй ракодтой Къуыдаргомæй — Дзауы районы Начърепайы хæуæй, уырдыгæй афтыдысты Дзауы районы Къуылыхты хъæумæ, уый фæстæ та Знауыры районы Иончайы æмæ Уæллаг Бехъмары хъæутæм, æрбынат дзы кодтой Хуссар Иры сæйраг сахары дæр. Мыггагæй афтыд Эстони, Греци, Украина æмæ æндæр бæстæтæм. Абон дунейы цæры дыууæ сæдæ Къуылыхоны бæрц.

«Мæ хъуыды уый мидæг ис, цæмæй бахъахъхъæнон ног фæлтæртæн, цы федтон, цы базыдтон сæ раг фыдæлты тыххæй. Уымæн æмбырд кæнын æрмæг, исын къамтæ æмæ амайын мæ мыггаджы ратæдзæнты бæлас цадæггай, ног æмæ ног къалиуттæ кæнгæйæ, фидæны фæлтæртæн», — банысан кодта Къуылыхты Таймураз.

Мыггаджы равзæрды таурæгъ

Рагон таурæгътæй иумæ гæсгæ, Къуылыхты мыггаг фæзынд Дзауы районы. Начърепайы цæрæг Нанийæн йе «мкъай Хетæгкаты чызгимæ уыд зæнæг – 6 лæппуйы. Лæгæн йæ ус куы фæзиан ис, уæд ӕрхаста дыккаг ус — Джиоты Уасилы чызджы æмæ сын райгуырд фырт. Карджын лæг бирæ нал ацард æмæ ус идæдзæй аззад. Иу ахæмы чызджы фыд ныццыд Начърепамæ æмæ сæм бахатыд цæмæй чызджы рауадзой йæ цæгатмæ.

«Зæнæджы нæ фæндыд, сæ фыды мæлæты фæстæ йын йæ усыл æддæмæ рахæцой, фæлæ, лæджы куырдиат хынцгæйæ, сразы сты йæ хъуыдыйыл. Иу рæстæджы сæм æрыхъуыст, лæппуйы дам Джиотыл ныффыстой. Æфсымæртæ алæбурдтой — се ʻхсæн рацыд загъд æмæ хицæн верситæм гæсгæ хъамайæ цæфтӕм ӕрцыдысты. Ацы цауы фæстæ Джиоты Уасил йæ зæххыты иу хай радта лæппуйӕн, ном та йыл æрфидар Къуылых», — дзуры легендæтæй иу Таймураз.

Къуылыхты фӕлтӕртӕ

Къуылыхты Таймураз йӕ мыггаджы истори иртасы ныр цалдæр азы, ацы рæстæджы уый æсбæрæг кодта Къуылыхты мыггаджы æппæт фæлтæртæ æмæ ма цалдæр фæлтæры та уый размæ. Къуылыхы фыд уыд Нани, уый размæ Попо, ноджы раздæр Кошой, йæ фыд та Гуылæр, уыдон сты Таймуразӕй 14 фæлтæр размæ.

«Æз – мæ фыд — йæ фыд Елиоз – Никъо – Бадилла – Симон уый фыд та Рамин. Мыггаджы истори мæхæдæг цалдæр фæлтæр базыдтон мæ фыдæй, уый фæстæ мын феххуыс кодта мыггаджы хæрæфырт Джиоты Люся, уый радзырдта, Раминæн ма кæй уыд æфсымæртæ Сехо æмæ Къабули, сæ фыд та хуынд Мирман. Стæй ма æндӕр кæмæйдӕр та базыдтон, Къуылыхты хæуы кæй ис Мирманы къуылдымтæ, афтæмæй мæ истори райста реалон кæронхаххтæ сбæлвырд ис реалон æвдисæндартæй. Дзиццойты Юрийы чиныг «Топонимия Южной Осетии» дӕр мын кæмдæрты феххуыс ис», — дзуры уый.

Æрæджы мыггаджы минæвæрттæ æрæмбырд сты сæ фыдæлтæй иу — Симоны ингæны цур, кæцыйы райгуырдыл ацы аз сæххæст ис 200 азы. Ингæн ссардæуыд Дзауы районы Къуылыхты хъæуы.

дыууа мыггаджы багом кодтой абон

«Симонæн æз йæ ингæн ссардтон Къуылыхты хъæуы æмæ йыл фыст ис гуырдзиаг дамгъæтæй. 2016 азы сахуыр кодтон дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ гуырдзиаг дамгъуат, цæмæй бамбарон фыст. Еныр сын сæ къамтæ систон, уымӕн ӕмӕ цасдӕр рæстæджы фæстæ дуры фыст дæр афтæ хорз нал зындзæн», — радзырдта Таймураз.

Ингæны дурыл фыст ис гуырдзиаг дамгъæтæй ирон дзырдтӕ:

«Ингæны ацы дуры бын улæфы Хуыцауы цагъар Симон Романозы-фырт Къулубашвили. Фæзиан дæн 1897 азы январы цыппурсæй 23 бон 79 аздзыдæй. Ныууагътон мæ цæуæт æртæ фырты æд бинонтæ æмæ сывæллæттæ. Чи бакæса уый иу мын рухс зæгъæт».

дыууа мыггаджы багом кодтой абон

Къуылыхтæ дунейы

Къуылыхтæ, Таймуразы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цæрынц горæттæ Дзæуджыхъæу æмæ Цхинвалы, Дыгуры Сындзы хъæуы, Гуырдзыстоны Къуырысхеуы хъæуы, Хуссар Иры Бехъмары. Мыггагæй афтыд Эстони, Греци, Украина æмæ æндæр бæстæтæм дæр.

«Мæ бæрӕггæнæнтæм гæсгæ, ацы мыггагæй дунейы апарахат ис 200 къуылыхоны бæрц. Уыдтæн Знаур, Дзау æмæ Цхинвалы районты, федтон архивон документтæ (Похозяйственная книга æмæ ЗАГСы фыстытæ). Ӕрӕмбырд кодтон бирæ æрмæг. Æрмæст иу хъæуæй Къуылыхтæй Стыр Фыдыбæстон хæсты амард 17 адæймаджы. Цæры дзы Грецийы дæр, уым иу лæппу архайы змисыл хъæбысхæсты спорты. Дыгуры, Сындзы хъæуы дзы ис бинонтæ, бабæрæг сæ кодтон уыдоны дӕр», — радзырдта Таймураз.

Мыггаджы ӕрвадæлтæ

Къуылыхтæн ис цыппар æрвад мыггаджы. Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, ацы мыггæгты иумæйаг фыдæл Кошойы номæй сæ иумæ фæхонынц Кошойтæ.

дыууа мыггаджы багом кодтой абон

Тыхджынтӕ, къухджынтӕ ӕмӕ сӕндуцджытӕ

Йæ сгæрæн куысты рæстæджы Таймураз рабæрæг кодта, мыггаджы минæвӕрттæ уæлдай тынг рæвдз цæмæ уыдысты, уыцы миниуджытӕ.

«Къуылыхты мыггаджы уыд бирæ бæрзонд æмæ стыр тыхы хицау уæйыг лæгтæ. Къуылыхтæй Бехъмары чи æрбынат кодтой, уыдонæй иу Вася СФХ агъоммæ уыд Мæскуыйаг цирчы æмæ дзурынц, зæгъгæ, йæ кæстæр ӕнгуылдзæй иста 32 кг. Ахæм цау дæр уыд — хъæуы лæгтæ архайдтой фезмæлын кæнын нартхордон æмæ сын не ʻнтыст. Стæй йæ «мбисондæн хастой, уый иунæгæй куыд систа, къордæн цы уæз не ‘нтыст фезмæлын кæнын, уый», — загъта лæг.

Таймуразы ахуыртæм гæсгæ, тыхджын æмæ хъаруджынæй дарддæр ма мыггаджы минæвæрттæ рæвдз уыдысты зæххы куыстмæ ӕмӕ сӕн аразынмӕ дæр.

«Афтæ ма-иу фæдзырдтой хистæртæ, Дзауы районмӕ-иу сæнагурæг исчи куы бацыд, уæд æй æрвыстой Къуылыхты хъæумæ. Уыд сын Никозы стыр сæндæттæ æмæ арæзтой бирæ сæн», — балхынцъ кодта уый.

Куыстыты авторы фӕнды рауадзын уыдон чиныджы хуызы, цæмæй кæстæртæ зоной сæ мыггаджы истори бæстонæй.

Источник

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *